3 Моисеимӕ загъд кодтой: «Фӕлтау мах дӕр Дунедарӕджы раз куы ӕрбамардаиккам не ’фсымӕртау!
Уый цӕугӕдӕттӕ фестын кӕны ӕдзӕрӕг быдыртӕ, суадӕттӕ — хуыскъ зӕхх,
ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»
Куы нӕ уа быдырты тыллӕг, уӕд карды цӕфӕй амӕлын сыдӕй мардӕй хуыздӕр кӕсы, — сӕ удтӕ, удхаргӕнгӕ, сисынц!
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Цӕмӕ нӕ кӕны Дунедарӕг уыцы бӕстӕм? Цӕмӕй кардылӕфтыд фӕуӕм? Цӕмӕй нӕ устытӕ ӕмӕ нӕ сабитӕ уацары бахауой? Фӕлтау фӕстӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхиккам, уӕд нын хуыздӕр нӕ уаид?»
Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы.