25 Аарон ӕмӕ йӕ фырт Елеазары Оры хохмӕ скӕн.
Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —
Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Уӕ сӕрыхъуынтӕ ма райхалут ӕмӕ уӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм ма арӕдувут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ Дунедарӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Фӕлӕ уе ’рвадӕлтӕ, ӕппӕт Израил, кӕуӕнт, Дунедарӕг кӕй басыгъта, уыдоныл.
Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.
Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар.