Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Едомӕгтӕй сӕ бон куы базыдтой, уӕд израилӕгтӕ ӕндӕр рӕтты ацыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:21
10 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ ныр фӕзындысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ, кӕддӕр израилӕгтӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Ды кӕй зӕххытӕм бацӕуын нӕ бауагътай, ӕмӕ сӕ иувӕрсты кӕмӕн ацыдысты, стӕй кӕй нӕ ныццагътой, уыдон.


Фӕлӕ Сигон Израилӕн йӕ зӕххыл ацӕуыны бар нӕ радта; ӕрбамбырд кодта йе ’ппӕт адӕмы ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ рацыд. Йахацмӕ бахӕццӕ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыд.


Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты.


„Ауадз мӕ дӕ зӕххыл ацӕуын, над фӕндагыл ацӕудзынӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр нӕ фӕзилдзынӕн.


Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“.


Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.


уӕд Едомы паддзахмӕ минӕвӕрттӕ барвыстой, дӕ зӕххыл нын ацӕуыны бар ратт, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Едомы паддзах нӕ бауагъта. Уӕд хатӕг барвыстой Моавы паддзахмӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ бауагъта. Израилӕгты бахъуыди Кадешы баззайын.


Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.


Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan