Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дзыллӕ донхъуаг ӕййӕфтой, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароныл ӕртыгуыр сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:2
14 Iomraidhean Croise  

Адӕмон ӕмбырды Йӕ стауӕнт, кад ын кӕнӕнт хистӕрты астӕу.


«Израилӕгты хъуыр-хъуыр фехъуыстон, ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: изӕры хӕрдзыстут дзидза, райсом та уын уӕ фаг уыдзӕн дзул. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уӕ Хуыцау, уый».


Израилы дзыллӕ та ӕдзӕрӕг быдыры ногӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл.


Куы ӕрбабон уа, уӕд та фендзыстут Дунедарӕджы кад. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фехъуыста, куыд Ыл бустӕ кодтат, уый. Мах та чи стӕм? Махыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл кӕнут бустӕ!»


Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам!


Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»


Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.


Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»


Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста.


Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan