18 Едомӕгтӕ загътой: «Нӕ зӕххыл ацӕуын уӕ нӕ бауадздзыстӕм! Куы бафӕлварат, уӕд кӕрдтимӕ уӕ размӕ ралӕудзыстӕм!»
Израилӕгтӕ загътой: «Над фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Уӕ донӕй уын куы бануазӕм, нӕ фосӕн дзы куы бадарӕм, уӕд уын бафиддзыстӕм. Ницы нӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр нӕ ацӕуын бауадзут!»
Фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстут нӕ зӕххыл!» Ӕмӕ гӕрзифтонг стыр ӕфсадӕй сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты.
Фӕлӕ Сигон Израилӕн йӕ зӕххыл ацӕуыны бар нӕ радта; ӕрбамбырд кодта йе ’ппӕт адӕмы ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ рацыд. Йахацмӕ бахӕццӕ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыд.
Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты.
Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.
Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“.