Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:16
14 Iomraidhean Croise  

Фараоны куы суыдтой израилӕгтӕ, уӕд бамбӕрстой, мысырӕгтӕ сӕ ӕрбасурынц, уый. Тынг старстысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой.


Израилы адӕмӕн сӕ разӕй цӕуӕг Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕстӕ ӕрлӕууыд, сӕ разӕй цы мигъы цӕджындз уыд, уый сӕ фӕстӕ фӕци.


Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.


Мӕ зӕды уын арвитдзынӕн уӕ разӕй ӕмӕ фӕсурдзынӕн ханаанӕгты, аморӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.


Ныр Ӕз фехъуыстон, израилӕгтӕ Мысыры ӕфсондзы бын куыд дзыназынц, уый, ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд.


Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».


Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.


«Ауадз мӕ дӕ зӕххыл ацӕуын. Нӕ бацӕудзыстӕм дӕ быдыртӕ ӕмӕ дӕ сӕндӕттӕм, дӕ цъайтӕй дон нӕ бануаздзыстӕм. Паддзахвӕндагыл цӕудзыстӕм, цалынмӕ дӕ арӕнӕй ахизӕм, уӕдмӕ».


Рараст сты Кадешӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Оры хохы, Едомы бӕстӕйы арӕнмӕ ӕввахс.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,


Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕм цы зӕхх ӕрхауди халӕппӕрстӕй, уый Едомы ныгуылӕнвӕрсты цыди Цины ӕдзӕрӕг быдыры хуссайраг арӕны онг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan