15 Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.
Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.
Ханааны сӕм цы фос ӕмӕ цы мулк ӕрӕмбырд, уыимӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаг ӕрцыдысты Мысырмӕ.
Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.
Ӕвдӕм бон саби амарди, фӕлӕ йӕ Давидӕн зӕгъын йӕ дӕлдӕртӕ нӕ уӕндыдысты. Дзырдтой: «Саби ма ӕгас куы уыд, уӕд нӕм куы нӕ хъуыста, уӕд ын ныр, амарди, зӕгъгӕ, куыд зӕгъӕм? Исты фыдбылыз сараздзӕн».
ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».
Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».
Израилӕгтӕ Мысыры фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы.
Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»
Мысыры нын лӕвар бӕргӕ лӕвӕрдтой кӕсӕгтӕ, джитъритӕ, неситӕ, зайӕгхӕлттӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!
Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды?
Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де ’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс.
Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон.
Йаков ӕрбацыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.
Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ӕфхӕрдта нын нӕ фыдӕлты; сӕ сабиты сын ӕппарын кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ ӕрцӕуой.
Фӕлӕ нын мысырӕгтӕ хорз нӕ уыдысты, ӕфхӕрдтой нӕ, уӕззаудӕр цы куыст ис, ууыл нӕ ӕфтыдтой.