Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де ’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:14
20 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».


Фыццаг чи райгуырд, уый уыди сырхбуар, къахӕй сӕрмӕ — сырды цармау хъуынджын. Ном ыл сӕвӕрдтой Исав.


Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.


Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.


Моисей йӕ каисӕн радзырдта, Дунедарӕг фараон ӕмӕ мысырӕгты Израилы адӕмы сӕрыл куыд бафхӕрдта, израилӕгтӕ фӕндагыл цы зынтӕ бавзӕрстой ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куыд аирвӕзын кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.


— Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ бауарзтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлӕ Мын сымах дзурут: «Цӕмӕй нын равдыстай дӕ уарзондзинад?» Ау, Исав ӕмӕ Йаков ӕфсымӕртӕ не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕлӕ Ӕз Йаковы бауарзтон,


Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.


Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.


Кадешӕй араст сты израилӕгтӕ ӕмӕ Оры хохмӕ бахӕццӕ сты.


Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе ’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут.


Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ.


Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan