Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ацы дон — Мерива. Уым израилӕгтӕ Дунедарӕгимӕ схъаугъа сты, ӕмӕ сын, уаз кӕй у, уый равдыста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:13
11 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».


О Хуыцау, сыст ӕмӕ тӕрхон кӕн зӕххӕн, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ сты Дӕ исбон!


Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.


Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ раст тӕрхонӕй, Уаз Хуыцау Йӕ рӕстадӕй равдисдзӕни, уаз кӕй у, уый.


Хӕрздӕф будау Мын суыдзыстут ӕхцон, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй уӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд; афтӕ Ӕз ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый.


Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Сымах Мыл Меривайы доны был, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры, кӕй фӕгуырысхо стут израилӕгты ’хсӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сын кӕй нӕ фенын кодтат, уый тыххӕй уын афтӕ нывгонд у.


Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan