Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:11
24 Iomraidhean Croise  

Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».


Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».


Ӕмӕ сӕ радта ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм, фыдгултӕ сын хицӕуттӕ систы.


Ды мын мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгӕй, мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй!


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


Ӕз уыл аудыдтон ӕдзӕрӕг быдыры, хурсыгъд зӕххыл.


Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авигу сӕ будсудзӕнтӕ райстой, нывӕрдтой дзы судзгӕ ӕвзалытӕ ӕмӕ буд, ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ нӕфӕтчиаг зынг бахастой, афтӕмӕй сын уый ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхста.


«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.


Уый уӕ ракодта, цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм тасӕфтауӕг ӕдзӕрӕг быдырыл, хус ӕмӕ ӕнӕдон зӕххыл, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ уырынгонты ӕхсӕнты, айнӕг къӕдзӕхы риуӕй уын дон рауагъта.


Уымӕн ӕмӕ мӕсты адӕймаджы бон нӕу, Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый саразын.


Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре.


Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»


Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan