Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕрбамбырд кодтой Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы размӕ, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ӕнӕсӕттонтӕ! Ау, ныр уын хъуамӕ мӕнӕ ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:10
18 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


«Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у — ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй.


«Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;


Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!


Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan