4 Йе ’фсӕддон къорды — ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.
Иудӕйы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.
Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.
Йӕ фарсмӕ — Иссахары мыггаг; Иссахары байзӕддӕгты фӕтӕг — Нетанел, Цуары фырт.
Уыдон — Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕвдай ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ.