Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 2:3
19 Iomraidhean Croise  

Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Рамӕй райгуырд Аминадав, Аминадавӕй — Нахшон, иудейӕгты фӕтӕг,


Иудӕ йе ’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр.


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт;


Иудӕйы мыггагӕй — Нахшон, Аминадавы фырт;


Сыкъауадындзтӕ фӕдисы уаст куы ныккӕной, уӕд сӕ фӕндаг дарӕнт, скӕсӕны чи лӕууыд, уыцы ӕфсӕдтӕ;


Йе ’фсӕддон къорды — ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.


Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се ’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй.


дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нахшоны, Аминадавы фырты, хуын.


Арамӕй райгуырд Аминадав, Аминадавӕй — Нахшон; Нахшонӕй — Салмон;


Аминадавӕй райгуырди Нахшон; Нахшонӕй райгуырди Салмон;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan