Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Израилӕгтӕ, алчи — йӕ тырыса, йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕрӕг нысӕнттимӕ, афтӕмӕй рӕсӕнуат скӕнӕнт Фембӕлды Цатыры алфамбылай».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 2:2
23 Iomraidhean Croise  

зӕхх куы нынкъуыса, йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы куы ризой, уӕд Ӕз фидар хӕцдзынӕн йӕ бындуртыл».


Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у».


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ! Хохы цъуппыл тохы тырыса куы ’рсагъдӕуа, уӕд-иу ӕм скӕсут! Сыкъауадындз куы ныууаса, уӕд-иу ӕй фехъусут!


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Уый Мӕ паддзахы бадӕн у, Мӕ къахӕрӕвӕрӕн. Ам мыггагмӕ цӕрдзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ Мын Израилӕн йӕ адӕм дӕр ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕ дӕр нал ӕгад кӕндзысты Мӕ уаз ном: нал дӕр гуымирытӕм кувдзысты, нал дӕр та сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цуры ныгӕндзысты.


Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.


Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, йӕ бынатӕй фенкъуысти Рувимы ӕфсад, сӕ разӕй — Елицур, Шедеуры фырт.


Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, араст ис Ефремы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Елишама, Аммиуды фырт.


Ӕппӕты фӕстӕ йӕ бынатӕй, къорд къорды фӕдыл, фенкъуысти Даны байзӕддӕгты ӕфсад, йӕ разӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт.


Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:


Рувимы ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд хуссарӕрдыгӕй. Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елицур, Шедеуры фырт.


Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.


Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,


уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕмтъерыйы Хуыцау нӕу, фӕлӕ у фарндӕттӕг Хуыцау. Уыцы фарнӕй хайджын сты сыгъдӕджыты ӕппӕт аргъуантӕ.


Ӕппӕт дӕр уӕд нывыл ӕмӕ ӕгъдауыл.


Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл


Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕргълӕууӕгыл, фидар нӕ хӕцынц. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти — буар кӕрӕдзиуыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй.


Афтӕмӕй, кӕуылты уын цӕугӕ у, уый базондзыстут, уымӕн ӕмӕ ныронг ацы фӕндагыл никуыма цыдыстут. Уӕвгӕ, сымах Чырынӕй хъуамӕ уат дыууӕ мин ӕлмӕрины дарддӕр — ӕгӕр ӕм ма баввахс ут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan