19 Йе ’фсӕддон къорды — цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Ефремы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Ефремы ’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт.
Йӕ фарсмӕ — Менассиайы мыггаг; Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг — Гамлиел, Педацуры фырт.
Уыдон — Ефремы байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ. Уыдон — Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.