Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 2:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ефремы ’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 2:18
13 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалынмӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефрем ӕмӕ Менассиа, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.


Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!


Йосефы байзӕддӕгтӕй: Ефремы мыггагӕй — Елишама, Аммиуды фырт; Менассиайы мыггагӕй — Гамлиел, Педацуры фырт;


Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, араст ис Ефремы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Елишама, Аммиуды фырт.


Йе ’фсӕддон къорды — цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы.


Ӕвдӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг Елишама, Аммиуды фырт.


дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елишамайы, Аммиуды фырты, хуын.


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan