Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ сӕмбырд кӕна дыгӕрдыджы сыгъдон ӕмӕ йӕ рӕсӕнуаты ӕдде сыгъдӕг ран бафснайа, цӕмӕй дзы израилӕгтӕ сыгъдӕггӕнӕн дон кӕной: уый тӕригъӕды нывонд у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:9
16 Iomraidhean Croise  

Йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн; цӕуыл ӕрбада, уый дӕр афтӕ.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Марды буарыл чи андзӕва ӕмӕ йӕхи чи не ссыгъдӕг кӕна, уый Дунедарӕджы цӕрӕнуат чъизи кӕны ӕмӕ Израилы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ уый сыгъдӕггӕнӕн донӕй нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у, йӕ чъизи ис йӕ уӕлӕ.


Цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй уыцы артысыгъд тӕригъӕды нывонды ӕртхутӕг донимӕ сызмӕнтӕнт иу мигӕнӕны.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.


Сауджын Елеазары бар ӕй бакӕнут. Рӕсӕнуатӕй йӕ ракӕнӕнт ӕмӕ йӕ сауджын Елеазары раз аргӕвдӕнт.


Дыгӕрдыджы мард чи басыгъта, уыцы адӕймаг дӕр хъуамӕ цӕхса йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайа; чъизи уыдзӕн изӕрмӕ.


ногӕй басомы кӕнӕд Дунедарӕджы раз ӕмӕ фиддоны нывондӕн фыргуист ӕрбакӕнӕд. Уымӕй размӕйы назир-бонтӕ та йын сӕфт сты, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта.


Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты.


Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уыдӕттӕй нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, аргъуыцгӕнгӕ нӕхи снывонд кӕнӕм Хуыцауӕн.


Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.


Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan