Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Сауджын Елеазары бар ӕй бакӕнут. Рӕсӕнуатӕй йӕ ракӕнӕнт ӕмӕ йӕ сауджын Елеазары раз аргӕвдӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:3
11 Iomraidhean Croise  

Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы.


«Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт.


Кусарты царм, фыд, сӕр, къӕхтӕ, хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ тъӕнгты чъизитӕ —


цы ма дзы баззайа, уыдон иууылдӕр рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уыцы сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. Уым хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуой.


Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.


Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ сӕмбырд кӕна дыгӕрдыджы сыгъдон ӕмӕ йӕ рӕсӕнуаты ӕдде сыгъдӕг ран бафснайа, цӕмӕй дзы израилӕгтӕ сыгъдӕггӕнӕн дон кӕной: уый тӕригъӕды нывонд у.


Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.


«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan