Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Чъизи адӕймаг цӕмӕдӕриддӕр февнала, уый фӕчъизи уыдзӕни. Чъизи адӕймагӕн йӕхиуыл чи бандзӕва, уый та чъизи уыдзӕн изӕрмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:22
21 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста,


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ быны цы уыд, ахӕм истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ къухмӕ йӕ чи сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, йӕ къухтӕ нӕ цӕхсадта, афтӕмӕй кӕуыл бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Цӕуыл бадти, ууыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Ахӕм сылгоймагӕн йӕ хуыссӕны кӕнӕ, кӕм бадти, уый уӕлӕ цы дзаума уа, ууыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Чи сыл бандзӕва, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ-иу йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.


Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый цӕуыл бадти, ууыл чи ӕрбада, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ буарыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймагыл куы бату кӕна, уӕд-иу уыцы адӕймаг йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


исты ӕнӕсыгъдӕг хилӕгой кӕнӕ ӕнӕсыгъдӕг адӕймагыл чи бандзӕва (цавӕрфӕнды ӕнӕсыгъдӕгдзинад дӕр уӕд),


— уыдӕттӕй истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Цалынмӕ йӕхи нӕ цынайа, уӕдмӕ йын кувинӕгтӕй хӕрыны бар нӕй.


Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн.


Исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ (цыфӕнды дӕр уӕд) ӕнӕрхъуыдыйӕ февнӕлдта ӕмӕ йӕ раздӕр нӕ бафиппайдта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста — азымджын уыдзӕн.


Дзидза исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы андзӕва, уӕд ӕй хӕрӕн нӕй, арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Сыгъдӕг дзидзайӕ та, сыгъдӕг чи уа, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Уӕд та сӕ Аггей бафарста: «Мардыл бандзӕвынӕй чи фӕчъизи ис, ахӕм адӕймаг уыдонӕй истӕуыл куы андзӕва, уӕд хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «О, фӕчъизи уыдзӕн».


Уый фӕстӕ сауджын хъуамӕ йӕ дарӕс цӕхса, йӕхи цынайа, ӕмӕ йын уӕд рӕсӕнуатмӕ аздӕхӕн ис, фӕлӕ чъизийыл нымад уыдзӕн изӕрмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan