Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:18
13 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


«Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди, йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл, йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».


Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».


Цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй уыцы артысыгъд тӕригъӕды нывонды ӕртхутӕг донимӕ сызмӕнтӕнт иу мигӕнӕны.


Сыгъдӕг адӕймаг чъизи адӕймагыл хъуамӕ уыцы донӕй бапырх кӕна ӕртыккаг, стӕй та ӕвдӕм бон ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕна. Уый та йӕ дарӕс цӕхсӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ изӕрмӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ сӕмбырд кӕна дыгӕрдыджы сыгъдон ӕмӕ йӕ рӕсӕнуаты ӕдде сыгъдӕг ран бафснайа, цӕмӕй дзы израилӕгтӕ сыгъдӕггӕнӕн дон кӕной: уый тӕригъӕды нывонд у.


Срухс сӕ кӕн Дӕ ӕцӕгадӕй — Дӕ ныхас у ӕцӕгад.


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.


Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan