Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй уыцы артысыгъд тӕригъӕды нывонды ӕртхутӕг донимӕ сызмӕнтӕнт иу мигӕнӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:17
11 Iomraidhean Croise  

Иу хатт Исаакы цагъартӕ дӕлвӕзы къахтой, ӕмӕ дзы донгуырӕн разынди.


Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ сӕмбырд кӕна дыгӕрдыджы сыгъдон ӕмӕ йӕ рӕсӕнуаты ӕдде сыгъдӕг ран бафснайа, цӕмӕй дзы израилӕгтӕ сыгъдӕггӕнӕн дон кӕной: уый тӕригъӕды нывонд у.


арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы.


Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ йӕ зӕрдӕйӕ раивылдзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ».


Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan