Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Марды буарыл чи андзӕва ӕмӕ йӕхи чи не ссыгъдӕг кӕна, уый Дунедарӕджы цӕрӕнуат чъизи кӕны ӕмӕ Израилы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ уый сыгъдӕггӕнӕн донӕй нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у, йӕ чъизи ис йӕ уӕлӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:13
27 Iomraidhean Croise  

Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Уымӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд-иу ранымайӕд авд боны.


Израилӕгты-иу, ӕнӕсыгъдӕг цы у, уыдӕттӕй бахизут, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ афтӕмӕй, се ’хсӕн Мын цы цӕрӕн ис, уый дӕр ма фӕчъизи уа, науӕд амӕлдзысты.


Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.


Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн цы кувинӕгтӕ хӕссынц, уыдонмӕ уӕ байзӕддӕгтӕй ӕнӕсыгъдӕгӕй исчи куы бавнала, уӕд ӕй Ӕз фесафдзынӕн, нал ӕрлӕудзӕн Мӕ разы. Ӕз — Дунедарӕг.


Аароны байзӕддӕгтӕй хъотырӕй рынчын чи уа кӕнӕ йӕ цъӕй кӕмӕн миза, уый кувинӕгтӕй ма хӕрӕд, цалынмӕ ссыгъдӕг уа, уӕдмӕ. Мардыл бандзӕвынӕй цы дзаума фӕчъизи ис, ууыл чи бандзӕва, йӕ мыг йӕхи ’гъдауӕй кӕмӕн акӕла,


Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.


Исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ (цыфӕнды дӕр уӕд) ӕнӕрхъуыдыйӕ февнӕлдта ӕмӕ йӕ раздӕр нӕ бафиппайдта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста — азымджын уыдзӕн.


Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.


Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн.


Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Ӕгъдау: мард цы цатыры ис, уыцы цатырмӕ чи бацӕуа ӕмӕ уыцы цатыры чи уа, уыдон авд боны дӕргъы чъизи уыдзысты.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.


Сыгъдӕг адӕймаг чъизи адӕймагыл хъуамӕ уыцы донӕй бапырх кӕна ӕртыккаг, стӕй та ӕвдӕм бон ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕна. Уый та йӕ дарӕс цӕхсӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ изӕрмӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.


Чи фӕчъизи ис, уый йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та дзыллӕйӕ фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕн чъизи кӕны: сыгъдӕггӕнӕн донӕй йыл нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймаг хъуамӕ сӕмбырд кӕна дыгӕрдыджы сыгъдон ӕмӕ йӕ рӕсӕнуаты ӕдде сыгъдӕг ран бафснайа, цӕмӕй дзы израилӕгтӕ сыгъдӕггӕнӕн дон кӕной: уый тӕригъӕды нывонд у.


Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты.


Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.


Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».


Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan