Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 19:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон хъуамӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕна уыцы сыгъдонӕй, ӕмӕ уӕд сыгъдӕг уыдзӕн. Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 19:12
12 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


цӕмӕй цӕттӕ уой иннӕбонмӕ, уымӕн ӕмӕ иннӕбон Дунедарӕг ӕппӕт адӕмы раз ӕрхиздзӕни Синайы хохмӕ.


ӕмӕ сын Моисей загъта: «Уӕхи цӕттӕ кӕнут иннӕбонмӕ. Сылгоймагмӕ ӕмгӕрон ма ’рцӕут».


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.


Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.


Фӕлӕ нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый хъӕуы басудзын.


Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде авд боны фӕут; адӕймаг чи амардта ӕмӕ мардыл чи андзӕвыди, уыдонӕй алчидӕр йӕхи ссыгъдӕг кӕнӕд ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ уацайрӕгтӕ дӕр.


Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan