Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 18:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 18:8
32 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы ’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай.


Йерусалимы цӕрджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн сӕ хай дӕттой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон уа Дунедарӕджы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн сӕхи снывонд кӕнын.


Адӕмӕн уыцы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд израилӕгтӕ сӕ тыллӕджы сӕртӕй бирӕ хуынтӕ ӕрбахастой: хор, сӕн, оливӕйы сой, мыд, хуымты алы бӕркад — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.


Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.


Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.


Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.


Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд.


Аароныл скӕн уаз дарӕс ӕмӕ йӕ байсӕрд, срухс ӕй кӕн, ӕмӕ суа Мӕ сауджын.


Сӕ фыды сын куыд байсӕрстай, афтӕ уыдоны дӕр байсӕрд, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. Уыцы байсӕрсты фӕрцы сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр уыдзысты сауджынтӕ — мыггагмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».


Уӕд фыдгулы ӕфсондз де уӕхсчытӕй, дӕ бӕрзӕйӕ ист ӕрцӕудзӕни, ныппырх уыдзӕни де ’фсондз.


Йе ’рвад-ӕфсымӕрты ’хсӕн хистӕр цы сауджын у — йӕ сӕрыл сӕрдӕн сой уагъд кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ уаз чи сси, уаз дарӕс дарыны бар кӕмӕн ис, уымӕн не ’мбӕлы йӕ сӕрыхъуынтӕ уӕгъдӕй хӕссын, стӕй йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм рӕдувын.


Сауджын-иу дыууӕ фыргуисты Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд хоры сӕртӕй конд дзултимӕ. Уыдон уыдзысты Дунедарӕджы уаз хай, сауджыны хай.


Хуынӕй ма цы ссад баззайа, уый та бахӕрӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ. Хӕрын ӕй ӕмбӕлы донгонд дзулты хуызы, уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Аароны байзӕддӕгтӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уыцы хайӕ хӕрын ӕмбӕлы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы хай Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл бандзӕва, уый суыдзӕни уаз».


«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.


Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Кӕрдзынтӕн сӕ алы хуызӕй дӕр фӕйнӕ иуы Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнӕд: фидыды нывонды туг цы сауджын бапырх кӕны, уый хай сты уыдон.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.


Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.


Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз.


Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.


Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ.


Сауджын левиттӕн, Левийы хӕдзарвӕндагӕн ӕмткӕй, иннӕ израилӕгтӕй хъауджыдӕр, хай нӕ уыдзӕн, бынтӕ сын нӕ баззайдзӕн: Дунедарӕджы хуынтӕй цӕрдзысты, уыдон сты сӕ хай.


уӕд зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Рахицӕн кодтон мӕ хӕдзарӕй уаз хай ӕмӕ йӕ, Ды мын куыд бафӕдзӕхстай, афтӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн радтон. Дӕ фӕдзӕхстытӕй иу дӕр нӕ ферох кодтон, иуы сӕрты дӕр дзы нӕ ахызтӕн.


Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай, цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста».


Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan