Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Демӕ дзуапп дӕттӕнт Фембӕлды Цатыры тыххӕй, алы куыст дӕр сӕ бӕрны уӕд. Фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуа:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 18:4
10 Iomraidhean Croise  

Ӕз сӕ бафтаудзынӕн Кувӕндоны лӕггад кӕныныл, стӕй йӕ алы куыстытӕ ӕххӕст кӕныныл.


Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Ӕххуыс дын кӕнӕнт ӕмӕ Фембӕлды Цатыры кусӕнт, фӕлӕ уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма цӕуӕнт, науӕд уыдон дӕр амӕлдзысты ӕмӕ сымах дӕр.


Уаз Цӕрӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны куыст уӕхимӕ хауы, науӕд та Дунедарӕджы азар ногӕй баййафдзӕн израилӕгты.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».


Израилӕгтӕм цы хауы, уымӕн та йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕм хайӕ дӕр — адӕмӕй, стуртӕй, хӕрджытӕй, лыстӕг фосӕй, ӕппӕт хӕдзарон фосӕй — иу сӕр рахицӕн кӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн ратт».


Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд. Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл».


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan