25 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Зӕххы хайы бӕсты сын Ӕз, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн кӕй дӕттынц, уыцы дӕсӕймаг хай радтон. Уымӕн зӕгъын, израилӕгты ’хсӕн сын зӕххы хай кӕй нӕ уыдзӕн».
«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут.