Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 18:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 18:19
15 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы ’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагмӕйы фидыдмӕ гӕсгӕ, Израилы паддзахад Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй радта, уый нӕ зонут, ӕви?


Йерусалимы цӕрджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн сӕ хай дӕттой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон уа Дунедарӕджы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн сӕхи снывонд кӕнын.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай.


Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн.


Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.


Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.


Кӕрдзынтӕн сӕ алы хуызӕй дӕр фӕйнӕ иуы Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнӕд: фидыды нывонды туг цы сауджын бапырх кӕны, уый хай сты уыдон.


Дӕу уыдзысты, израилӕгтӕй цыдӕриддӕр хуынтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ цӕуы, уыдон. Мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй сӕ Ӕз хай кӕнын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн: дӕ бинонтӕй дзы алы сыгъдӕгӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


Уыдон, цы хай сӕм хауы, уымӕй рахицӕн кӕн ӕмӕ сӕ, Дунедарӕгӕн скувынӕн, сауджын Елеазарӕн ратт.


Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у.


Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan