18 Фыдызгъӕл та — дӕхи, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кӕнынц, уыцы кӕразимаг у дӕхи, стӕй кусарты рахиз сгуы дӕр афтӕ.
Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.
Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ.