Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 18:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Мӕйдзыд сабийы ныхмӕ райсын ӕмбӕлы ӕвзисты фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй (иу шекелы — ссӕдз герайы).

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 18:16
9 Iomraidhean Croise  

Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.


Уаз Цӕрӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


Шекелы ис ссӕдз герайы. Ӕхсай шекелы та уыдзысты иу минӕ.


Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Дӕу у, адӕймагӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, Дунедарӕгӕн нывонд кӕй кӕнынц, уыцы фыццаг цӕуӕт. Адӕймаджы фыццаг зӕнӕджы балхӕнын ӕмбӕлы, ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕты дӕр афтӕ.


Фӕлӕ стурвос ӕмӕ фысвосы фыццаг цӕуӕты ныхмӕ мацы ис — уаз сты уыдон. Сӕ туг-иу сын бапырх кӕн нывондхӕссӕныл, сӕ фиу-иу сын ӕрхӕсс арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Израилы фыццаг зӕнӕг левиттӕй цы дыууӕ сӕдӕ ӕвдай ӕртӕ адӕймаджы фылдӕр у,


уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan