Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 17:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 17:8
13 Iomraidhean Croise  

ӕртӕ къалиуы йыл. Тала уайтагъд къуыбыр рафтыдта, дидинӕг ракалдта, цупӕлттӕ йыл фӕзынд, ӕмӕ йӕ гагатӕ арӕгъӕд сты.


Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.


— Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары; ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын, адджын мын сты йӕ дыргътӕ.


Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.


Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».


Фӕлӕ йӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, срӕдывтой бындзарӕй ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой зӕххыл, йӕ дыргъ куы бахус скӕсӕйнаг дымгӕмӕ. Йӕ фидар къалиутӕ ӕрсастысты, ныххус сты, аныхъуырдта сӕ арт.


Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».


Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.


Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой».


Рахаста Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы разӕй, израилӕгтӕ сӕм ӕркастысты, ӕмӕ алчи йӕ лӕдзӕг айста.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan