5 Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой».
Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.
Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не ’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой.
Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,
Куы ӕрбабон уа, уӕд та фендзыстут Дунедарӕджы кад. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг фехъуыста, куыд Ыл бустӕ кодтат, уый. Мах та чи стӕм? Махыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауыл кӕнут бустӕ!»
Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.
«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.
Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.
Уымӕ гӕсгӕ, хъӕмп зынджы амӕттаг куыд бавӕййы, хосы мӕкъуылтӕ пиллон арты куыд асудзынц, афтӕ сӕ уидаг амбидзӕн, сӕ дидинвӕлыст рыг фестдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон се ’ргом аздӕхтой Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕгъдауӕй, ницӕмӕ ӕрдардтой Израилы Уаз Хуыцауы ныхас.
Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.
Афтӕмӕй Ӕз кӕрон скӕндзынӕн, Мысыры зӕххӕй демӕ цы ӕнӕфсарм ӕмӕ хъахбай митӕ схастай, уыдонӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры бӕстӕ нал мысдзынӕ, нал ӕрлӕудзӕн дӕ зӕрдыл».
«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.
Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Ды ӕмӕ дӕ хъузӕттӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадыстут! Уыцы ран Аарон цы гӕнӕг у, цӕмӕй дзы хъаст кӕнат?»
Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты».
Моисей фехъусын кодта уыцы фӕндон израилӕгтӕн, ӕмӕ ӕрбахастой сӕ фӕтӕгтӕ сӕ лӕдзджытӕ, дыууадӕс лӕдзӕджы, алы фӕтӕгӕй дӕр — фӕйнӕ, ӕмӕ ма ноджы — Аароны лӕдзӕг.
Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты.
Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.
уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».