Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 17:2
18 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ номхыгъдтӕм хаст ӕрцыдысты сауджынтӕ, стӕй левиттӕ — сӕ къордтӕ ӕмӕ сӕ куысты хӕстӕм гӕсгӕ, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.


О, Дунедарӕг нын сарӕзта стыр диссаг, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыди!


Байсӕрд дзы Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын,


Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».


Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг».


Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».


Ахӕм цыргъ у бирӕты ныццӕгъдынӕн, цӕмӕй арвӕрттывдау цӕхӕртӕ кала! Ӕви Ӕз хъуамӕ цин бакӕнон, Мӕ адӕм иннӕ адӕмты мурмӕ дӕр кӕй нӕ дарынц, ууыл?


Рӕхджы Ӕз бафӕлвардзынӕн Мӕ адӕмы, ӕмӕ суанг Иудейы паддзах дӕр Мӕ азарӕй нӕ фервӕздзӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Хиз Дӕ лӕдзӕгӕй Дӕ адӕмы, Дӕ исбоны дзуг, хибарӕй Кармелы хъӕдты чи ӕрцардис, уыдоны. Уадз ӕмӕ та, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Башан ӕмӕ Галаады хизой!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Фӕйнӕ лӕдзӕджы — алы мыггаджы хистӕрӕй.


Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan