13 Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕнмӕ чидӕриддӕр хӕстӕг бацӕуа, уый амӕлдзӕн! Ау, не ’ппӕт дӕр хъуамӕ бабын уӕм?»
Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст нын уымӕй загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ».
Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы фыд азарӕй фервӕзтысты.
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
Минӕй ӕрхаудзысты Дӕ разы, дӕс мины та — дӕ рахизфарс, фӕлӕ ды баззайдзынӕ ӕвыдӕй.
Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут, науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты. Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон, ӕгас зӕххӕн йе сӕфт нысангонд кӕй у, уый.
ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут».
Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.
Уыцы израиладжы фӕстӕ цатырмӕ бацыд ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр арц ныссагъта, израиладжы дӕр амардта ӕмӕ сылгоймаджы дӕр. Уыйадыл израилӕгтӕ рыны азарӕй фервӕзтысты.
Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.
Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ.
Хӕстхъомтӕ цагъды куы фесты ӕмӕ адӕмы астӕу сӕ кой дӕр куынӕуал уыди,