Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 17:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 17:11
6 Iomraidhean Croise  

Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.


Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.


Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.


Фӕлӕ сын уыцы фыдызгъӕл ӕууылд нӕма фӕци, афтӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди ӕмӕ сыл рын сыстын кодта.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты».


Израилӕгтӕ загътой Моисейӕн: «Сӕфӕм, быныскъуыд кӕнӕм!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan