Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 сӕ хуылфы сын зынджытӕ ӕмӕ буд цӕвӕрут ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут. Дунедарӕг кӕй равзара, сыгъдӕг уый у. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы байзӕддӕгтӕ!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:7
10 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрхуы дуӕрттӕ ныппырх кодта, ӕфсӕн ӕвдузӕнтӕ ныссаста.


Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»


Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн.


Будсудзӕнтӕ райсут, Корах ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ,


Моисей Корахӕн загъта: «Байхъусут-ма, Левийы байзӕддӕгтӕ!


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.


Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan