Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

47 Аарон, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта: адӕмы астӕу балӕууыд, фӕлӕ уӕдмӕ адӕмыл рын сыстад. Аарон буд ссыгъта ӕмӕ адӕмы тӕригъӕд ссыгъдӕг кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:47
9 Iomraidhean Croise  

Уый ӕрсабыр кодта уад, ӕмӕ уылӕнтӕ банцадысты.


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


Мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн слӕууыди, ӕмӕ рын фесӕфти.


Уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ Пинхас ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ лӕвӕрд цӕуы сауджыны ном, йӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд кӕй у ӕмӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй».


Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.


Фыдӕхӕн сӕттын ма баком, фӕлӕ йыл, хорздзинад кӕнгӕйӕ, уӕлахиз кӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan