Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:40
16 Iomraidhean Croise  

Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не ’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой.


Дунедарӕджы Аргъуаны кӕрты, дӕ астӕу, Йерусалим! Алелуйа!


йе ’ргом цӕгатӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст та лӕвӕрд у нывондхӕссӕны цур кусӕг сауджынтӕн. Адон Цадокы байзӕддаг сты. Левийы байзӕддагӕй ӕрмӕст адонӕн ис Дунедарӕджы раз сауджынтӕй кусыны бар».


Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕн-иу, Цадокы байзӕддӕгтӕй чи у, Мӕ рӕзы чи лӕггад кӕна, уыдонӕн, Мӕ сауджынтӕн, галты дзугӕй тӕригъӕды нывондӕн ратт иу гал.


Ӕддагон ма бахӕрӕд кувинӕгтӕй: нӕдӕр сауджынӕн йӕ уазӕг, нӕдӕр йе ’ххуырст.


Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Сауджын Елеазар рамбырд кодта, арты чи басыгъд, уыдоны ӕрхуы будсудзӕнтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнӕн ӕмбӕрзӕн сыфтӕ рацагътой,


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».


Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се ’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Ахӕм кады аккаг йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ничи суыдзӕн — Хуыцау ӕй хъуамӕ сӕвзара, йӕ рӕстӕджы Аароны куыд сӕвзӕрста, афтӕ.


уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».


Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan