Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Сауджын Елеазар рамбырд кодта, арты чи басыгъд, уыдоны ӕрхуы будсудзӕнтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнӕн ӕмбӕрзӕн сыфтӕ рацагътой,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:39
5 Iomraidhean Croise  

Надав ӕмӕ Авигу сӕ фыдӕй раздӕр амардысты, фырттӕ дӕр сын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ ныр сауджыны куыст кодтой Елеазар ӕмӕ Итамар.


Озиайӕн йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: — Озиа, дӕуӕн не ’мбӕлы Дунедарӕгӕн буд судзын! Уый сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, куыст у — уыдон уыцы куыстӕн сӕрмагондӕй сыгъдӕггонд ӕрцыдысты. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рацу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕнд сарӕзтай, ӕмӕ дын уый Дунедарӕджы раз кады хос нӕ уыдзӕн.


Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не ’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой.


уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!»


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan