34 Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ.
Дӕ хъӕлӕсы ныннӕрдӕй адӕмтӕ лидзӕг фесты, Дӕ бынатӕй сыстадтӕ — фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу сты.
Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди.
Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта.