32 бахӕлиу кодта зӕхх йӕ ком ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуырдта — Корахы ӕппӕт адӕмы сӕ иууыл исбонимӕ.
Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй ӕлгъыст ӕмӕ хъодыгонд дӕ ныр.
Кехаты байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Аминадав, уый фырт Корах, уый фырт Ассир,
Тахат, Ассир, Евиасаф, Корах,
Ӕнӕзӕндтӕ сӕ азымты тыххӕй, сӕ алы фыдракӕнды аххосӕй хъизӕмарӕй мардысты.
Мӕ ахӕсты бынатӕй мӕ ракӕн, ӕмӕ ӕз стаудзынӕн Дӕ ном. Рӕстгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕудзысты, Дӕ хорзӕхӕй мӕ куы схайджын кӕнай, уӕд.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.
Давиды куывд. О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!
Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.
Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.
Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.
Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр».
Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой».
Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ быны фӕйнӕрдӕм ацыд:
Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди.
Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы.
Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст.
Фӕлӕ Корахы фырттӕ нӕ бабын сты.
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
«Левитты ’хсӕнӕй Кехаты хӕдзарвӕндаг ма бауадзут фесафын.
Рувимы мыггагӕй Елиавы фыртты, Датан ӕмӕ Авирамы, куыд байсӕфта! Фӕйнӕрдӕм фӕцыди зӕхх ӕмӕ сӕ ’ппӕт Израилы раз ӕд бинонтӕ, ӕд цатыртӕ, ӕд фос ӕмӕ ӕд исбон аныхъуырдта.
Фӕлӕ зӕхх баххуыс кодта сылгоймагӕн — байтыгъта йӕ ком ӕмӕ аныхъуырдта, залиаг калм йӕ дзыхӕй цы цӕугӕдон рауагъта, уый.