Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се ’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:2
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.


Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.


Мӕнӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиел, Азриел, Йеремиа, Ходави ӕмӕ Йахдиел, уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд лӕгтӕ.


Дӕ рӕсугъды кой айхъуысти адӕмтыл, уымӕн ӕмӕ дыл Ӕз цы аив фӕлыст скодтон, уый мидӕг ӕнӕкъӕм уыди дӕ рӕсугъддзинад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уыдон ӕмуат ӕрцыдысты йемӕ, стӕй йын байстой йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджыты, йӕхи та йын амардтой кардӕй. Йӕ хъысмӕт сси рагфӕдзӕхстау ӕппӕт сылгоймӕгтӕн.


Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ».


Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой.


Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта.


Елиавы фырттӕ: Немуел, Датан ӕмӕ Авирам, дзыллӕйы ’хсӕн нымад чи уыди, уыцы Датан ӕмӕ Авирам. Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттимӕ уыдон растадысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ — Дунедарӕджы ныхмӕ.


«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan