18 Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон.
Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.
уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд.
Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.
Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр».
Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.
«Зӕгъ Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, будсудзӕнтӕ сыгъдонӕй рамбырд кӕнӕд ӕмӕ сын сӕ зынджытӕ акалӕд:
Мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн слӕууыди, ӕмӕ рын фесӕфти.