Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:17
5 Iomraidhean Croise  

Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ.


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр.


Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон.


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan