Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:16
8 Iomraidhean Croise  

Моисей Ааронӕн бафӕдзӕхста: «Израилы дзыллӕйӕн зӕгъ, цӕмӕй Дунедарӕджы раз ӕрлӕууой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг фехъуыста сӕ хъуыр-хъуыр».


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг ӕваст Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн: «Цӕугӕут-ма ӕртӕйӕ дӕр Фембӕлды Цатырмӕ». Ацыдысты се ’ртӕ дӕр,


Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!»


Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр».


Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕу ныхас ма цӕуа — уыцы быцӕутӕ ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan