Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:15
18 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ ӕз цыдтӕн Йӕ фӕндӕгтыл, мӕ Хуыцауыл никуы сивтон мӕ зӕрдӕ.


Рӕсӕнуатмӕ куы ӕрӕввахс сты, уӕд Моисей федта уӕныг, федта кафӕг адӕмы. Йӕ маст рафыхти Моисейӕн ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон хохы рӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.


Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.


Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де ’мбӕлттӕ уе ’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де ’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн.


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Мах никӕй хъыджы бацыдыстӕм, никӕмӕн ракодтам знаггад, никӕмӕй ницы райстам.


«Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;


Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan