Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 16:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не ’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 16:14
12 Iomraidhean Croise  

Исчи искӕй хуым кӕнӕ сӕндонӕн знаггад куы ракӕна — йӕ фос ӕм хизынмӕ куы бауадза, ӕмӕ йӕ куы фесафой, уӕд, цы зиан ракӕной, уый бафидӕд йӕхи хуым кӕнӕ сӕндоны ӕвзаргӕ тыллӕгӕй.


Ӕхсӕз азы дӕргъы таут уӕ хуымтӕ ӕмӕ сын ӕфснайут сӕ бӕркад,


фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр.


Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“.


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой.


Кӕд нӕ Дунедарӕджы хорзӕх уа, уӕд нӕ уырдӕм бакӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн, йӕ сыджытӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕ.


Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй ацы ӕлгъыст ранмӕ, исты байтауӕн кӕм нӕй, легъуи, сӕнӕфсир, гранат кӕм нӕ зайы, уырдӕм? Дон дӕр дзы куы нӕй нуазынӕн!»


Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.


Аммонаг Нахаш сын дзуапп радта: «Уемӕ цӕдис скӕндзынӕн. Ӕцӕг уӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр йӕ рахиз цӕст сӕппарон, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт Израилы дӕр ӕгады бынаты сӕвӕрон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan