11 Ды ӕмӕ дӕ хъузӕттӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадыстут! Уыцы ран Аарон цы гӕнӕг у, цӕмӕй дзы хъаст кӕнат?»
Адон уыдысты дуаргӕсты къордтӕ, Корахы ӕмӕ Мерарийы байзӕддӕгтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрхуы дуӕрттӕ ныппырх кодта, ӕфсӕн ӕвдузӕнтӕ ныссаста.
ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Моисей арвыста Датан ӕмӕ Авираммӕ, Елиавы фырттӕм, фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстӕм!
Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»
Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».
Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Ӕз кӕй арвитын, уый чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны, Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».
Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы».
Уымӕ гӕсгӕ хицауадмӕ ныхмӕ лӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи тӕрхойнаг фӕкӕндзысты.
Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.
Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.
Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд.
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.