10 Дунедарӕг дӕу ӕмӕ де ’фсымӕрты, Левийы байзӕддӕгты, Йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, сымах та ма сауджын уӕвын дӕр домут!
Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд.
Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы».
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».
«Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.
Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимидӕг фӕбыцӕу сты, се ’хсӕн уӕлдӕрыл нымад чи хъуамӕ уа, зӕгъгӕ.
Ӕфсымӕртау кӕрӕдзийы зӕрдӕбынӕй уарзут; иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй уӕлдӕрыл.
Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.
Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары.
Миха левиты сауджыны куыстыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ хӕдзары царди.