1 Корах, Левийы фырт Кехатӕн йӕ фырт Ицхары фырт, йемӕ — Рувимы байзӕддӕгтӕ: Елиавы фырттӕ Датан ӕмӕ Авирам, стӕй Пелеты фырт Он
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрхуы дуӕрттӕ ныппырх кодта, ӕфсӕн ӕвдузӕнтӕ ныссаста.
Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы.
Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. Кехат фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы.
Ицхары фырттӕ: Корах, Нефег, Зихри.
Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй уӕ Хуыцау уа, уый тыххӕй уӕ Мысырӕй Чи ракодта, Уый. Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
Рувимы мыггагӕй Елиавы фыртты, Датан ӕмӕ Авирамы, куыд байсӕфта! Фӕйнӕрдӕм фӕцыди зӕхх ӕмӕ сӕ ’ппӕт Израилы раз ӕд бинонтӕ, ӕд цатыртӕ, ӕд фос ӕмӕ ӕд исбон аныхъуырдта.
Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.