8 Нывондаг галимӕ — Дунедарӕджы иууылсудзинаг уа, сомыйы нывонд уа ӕви фидыды нывонд —
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Исчи сомыйы фӕдыл кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ стурвосӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй фидыды нывонд куы хӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд, цӕмӕй барст ӕрцӕуа, уый тыххӕй равзарӕд ӕнӕсахъат фос, иу аипп дӕр кӕмӕ нӕ уа, ахӕм.
Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.
Аароны байзӕддӕгтӕ уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудзӕнт, сугты сӕрыл цы иууылсудзинаг ӕвӕрд ис, уыимӕ, — уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.
гины ӕртыццаг хай та сӕн. Уый уыдзӕни Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы гины ӕмбис оливӕйы соимӕ змӕстӕй,
Ӕрбакӕнӕнт гал, йемӕ йын ӕрбахӕссӕнт сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хойраджы хуын. Дыккаг гал та — тӕригъӕды нывондӕн.